Хуссар Иры премьер бавдыста Экономикон райрæзты коллективæн ног разамонæджы

© Пресс-служба правительства РЮОХъотайты Сæрмæт
Хъотайты Сæрмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Джуссойты Константин бавдыста республикæйы экономикон райрæзты министрады коллективæн ног разамонæджы – Хъотайты Сæрмæты. Ацы бынатмæ йæ снысан кæныны фæдыл барамынд къуырисæры бафыста президент Гаглойты Алан.
Уый размæ Хъотайты Сæрмæт уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады аппараты разамонæг.
Хицауады сæрдар бахахх кодта, Хъотайты Сæрмæт кæй у фæлтæрд разамонæг æмæ йæ бон уыдзæн æнтыстджынæй æххæст кæнын йæ хæслæвæрдтæ.

"Уырны мæ, Хъотайты Сæрмæт, кæцы йæхи равдыста арæхстджын разамонæгæй, æнтыстджынæй спайда кæндзæн йæ курдиат æмæ фæлтæрддзинадæй ног бынаты. Кæй зæгъын æй хъæуы, министрады раз лæууынц уæззау хæслæвæрдтæ, хъæуы стыр куыст бакæнын, фæлæ мæ ныфс ис, иумæйаг тыхтæй сæ сымах кæй сæххæст кæндзыстут", - загъта Джуссойты Константин.

Хъотайты Сæрмæт бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн æууæнчы тыххæй æмæ баныфсæвæрдта, алцыдæр кæй араздзæн министрады раз лæууæг хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæн.
© Photo : Пресс-служба Правительства РЮОХъотайты Сæрмæт
Назначение Сармата Котаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.10.2023
Хъотайты Сæрмæт
Ног хабӕртты лентӕ
0