Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ÆЗ УЫМÆН ЙÆ ХЪАВД ЗОНЫН

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ÆЗ УЫМÆН ЙÆ ХЪАВД ЗОНЫН
Рафыссын
Бабо æмæ Бибо уыдысты сыхæгтæ. Цардысты Ирыстоны районтæй иуы. Цы хъæуы цардысты, уым уыдис дыууæ колхозы — Дæллаг сыхы колхоз æмæ Уæллаг сыхы колхоз. Колхозтæн кæд сæрмагонд нæмттæ уыдис, уæддæр сæ хъæуы цæрджытæ афтæ хуыдтой.
Бабо Бибойæ афæдз раздæр æрбалыгъдис уыцы хъæумæ. Раздæр та цардис Теркæнфале хъæутæй иуы.
Бинонтæй бирæ нæ уыдысты Баботæ. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр Бабо, йæ ус Дзадза æмæ сæ дæсаздзыд чызг Натъа. Бабо æмæ Дзадза куыстой колхозы, сæ чызг Натъа та цыдис скъоламæ, ахуыр кодта æртыккæгæм къласы.
Æртæ мæйы бæрц дзæбæх акуыстой, стæй уæд Бабо горæтмæ арæх цæуын байдыдта. Йæ синтæй хъæрзыд, йæ ахсæнæй хъаст кодта, фæлæ дохтыртæй гæххæтт йæ къухы не 'фтыдис.
Дзадза кæд къæсхуыр рахаста, уæддæр фæразон уыд, кусаг, стæй зивæг дæр нæ кодта. Колхозы бæстон æмæ зæрдиагæй куыста, йæ хæдзар дæр æдзæллаг ницæмæй уагъта.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0