https://sputnik-ossetia.com/20231025/gagloyty-alan-bavdysta-prezidenty-administratsiyan-nog-razamonadzhy-26371148.html
Гаглойты Алан бавдыста президенты администрацийӕн ног разамонӕджы
Гаглойты Алан бавдыста президенты администрацийӕн ног разамонӕджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан бавдыста йӕ администрацийы кусджытӕн ног разамонӕг Мӕргъиты Аланы. 25.10.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-10-25T12:26+0300
2023-10-25T12:26+0300
2023-10-25T12:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/19/26369884_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_c83300a62a62e50e60446cc93ed1461b.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан бавдыста йӕ администрацийы кусджытӕн ног разамонӕг Мӕргъиты Аланы.Мӕргъиты Аланы, кӕцы уый размӕ уыд хъӕууон хӕдзарады министр, снысан кодтой ацы бынатмӕ къуырисӕры паддзахады сӕргълӕууӕджы барамындӕй.Фыццаджыдӕр, президент бузныг загъта администрацийы раздӕры разамонӕг Джиоты Аланӕн, уый ныр снысан кодтой юстицийы министрӕй.Администрацийы ног сӕргълӕууӕджы тыххӕй дзургӕйӕ президент банысан кодта йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдтӕ."Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй йын мах иууылдӕр баххуыс кӕнӕм. Абоны бон у уӕззау рӕстӕг, фӕлӕ хъӕуы алцыдӕр саразын, цӕмӕй нын уа ӕнтыстытӕ", - банысан кодта президент.Джиоты Алан йӕхирдыгӕй бузныг загъта президент ӕмӕ администрацийы коллективӕн.Президенты администрацийы ног сӕргълӕууӕг бузныг загъта паддзахады сӕргълӕууӕгӕн, ахӕм бӕрнон бынат йыл кӕй баууӕндыдысты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/19/26369884_161:0:1121:720_1920x0_80_0_0_198ff2a4d57257e633168e5ad0ce4ce2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан бавдыста йӕ администрацийы кусджытӕн ног разамонӕг Мӕргъиты Аланы.
Мӕргъиты Аланы, кӕцы уый размӕ уыд хъӕууон хӕдзарады министр, снысан кодтой ацы бынатмӕ къуырисӕры паддзахады сӕргълӕууӕджы барамындӕй.
Фыццаджыдӕр, президент бузныг загъта администрацийы раздӕры разамонӕг Джиоты Аланӕн, уый ныр снысан кодтой юстицийы министрӕй.
"Мах пайдаджын куыст бакодтам иумӕ, бирӕ нын бантыст. Ног бынаты дын мӕ зӕрдӕ зӕгъы амонд ӕмӕ ӕнтыстытӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы хӕрзӕбонӕн", - загъта Гаглойты Алан.
Администрацийы ног сӕргълӕууӕджы тыххӕй дзургӕйӕ президент банысан кодта йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдтӕ.
"Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй йын мах иууылдӕр баххуыс кӕнӕм. Абоны бон у уӕззау рӕстӕг, фӕлӕ хъӕуы алцыдӕр саразын, цӕмӕй нын уа ӕнтыстытӕ", - банысан кодта президент.
Джиоты Алан йӕхирдыгӕй бузныг загъта президент ӕмӕ администрацийы коллективӕн.
Президенты администрацийы ног сӕргълӕууӕг бузныг загъта паддзахады сӕргълӕууӕгӕн, ахӕм бӕрнон бынат йыл кӕй баууӕндыдысты.