Гаглойты Алан снысан кодта Таможнæйы комитеты ног сæргълæууæджы

© Sputnik / Аслан ТедеевПрезиденты администраци
Президенты администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта Таможнæйы комитеты сæргълæууæгæй Цоциты Александры. Æмбæлон барамынд мыхуыргонд æрцыд паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.

"Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 7-æм пунктмæ гæсгæ снысан кæнын Цоциты Александр Ермакы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны Таможнæйы комитеты сæрдарæй", - дзырдæуы барамынды.

Гаглойты Алан ноджы иу барамындæй ссæрибар кодта ацы бынатæй Цхуырбаты Мурæты.
Цоциты Александр райгуырд 1985 азы Цхинвалы. Каст фæцис ХИПУ-йы юридикон факультет. Хуссар Ирыстоны таможнæйы комитеты куысты стаж – 14 азы. Ис йын бинонтæ, хъомыл кæны дыууæ чызджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0