https://sputnik-ossetia.com/20231025/khussar-iry-prezident-bavdysta-tamozhnyy-komitety-nog-srgluudzhy-26373084.html
Хуссар Иры президент бавдыста Таможнæйы комитеты ног сæргълæууæджы
Хуссар Иры президент бавдыста Таможнæйы комитеты ног сæргълæууæджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан æртыццæджы бавдыста Паддзахадон таможнæйы комитетæн ног разамонæджы – Цоциты Александры. 25.10.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-10-25T14:25+0300
2023-10-25T14:25+0300
2023-10-25T14:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
таможнæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/240/60/2406083_137:416:1771:1335_1920x0_80_0_0_ed0ea559be096830b2f846ff51cb7e38.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан æртыццæджы бавдыста Паддзахадон таможнæйы комитетæн ног разамонæджы – Цоциты Александры.Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта комитеты раздæры разамонæг Цхуырбаты Мурæтæн бирæазон куысты тыххæй ацы бынаты æмæ банысан кодта, уый кæй куыста уæззау уавæрты дæр.Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ног разамонæг тынг хорз зонгæ у ацы къабазимæ.Президенты ныхæстæм гæсгæ, Таможнæйы æмæ Хъалонты комитеттæн сæ бон у фылдæр архайын, цæмæй баххуыс кæной паддзахадæн.Цхуырбаты Мурæт бахахх кодта, кæй фæкуыста ацы азты дæргъы тынг хорз коллективимæ, кæцыимæ йын бантыст среализаци кæнын бирæнымæц хæслæвæрдтæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/240/60/2406083_24:0:1804:1335_1920x0_80_0_0_be69d31a2a10db3e74fb6a9404a22453.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, таможнæ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, таможнæ
Хуссар Иры президент бавдыста Таможнæйы комитеты ног сæргълæууæджы
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан æртыццæджы бавдыста Паддзахадон таможнæйы комитетæн ног разамонæджы – Цоциты Александры.
Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта комитеты раздæры разамонæг Цхуырбаты Мурæтæн бирæазон куысты тыххæй ацы бынаты æмæ банысан кодта, уый кæй куыста уæззау уавæрты дæр.
Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ног разамонæг тынг хорз зонгæ у ацы къабазимæ.
"Мæн фæнды, цæмæй таможнæйы коллектив балæууа Комитеты ног къухдариуæггæнæджы фарсмæ æмæ йын баххуыс кæна съкуыддзаг кæнын хæслæвæрдтæ. Уый у стыр бæрндзинад, æмæ мæ цæст уарзы, цæмæй йæ куыст уа æнтыстджын", - банысан кодта президент.
Президенты ныхæстæм гæсгæ, Таможнæйы æмæ Хъалонты комитеттæн сæ бон у фылдæр архайын, цæмæй баххуыс кæной паддзахадæн.
Цхуырбаты Мурæт бахахх кодта, кæй фæкуыста ацы азты дæргъы тынг хорз коллективимæ, кæцыимæ йын бантыст среализаци кæнын бирæнымæц хæслæвæрдтæ.