Хуссар Иры президент раивта Ленингоры районы сæргълæууæджы

© Sputnik / Наталья АйриянПрезиденты администраци
Президенты администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæй снысан кодтой Уалыты Муртазы. Æмбæлон барамынд бафыста президент Гаглойты Алан.
"Республикæйы Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 9-æм пунктмæ гæсгæ снысан кæнын Уалыты Муртаз Тенгизы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæй", - дзырдæуы барамынды.
Барамынд йæ тыхы бахызт йæ бафысты бонæй.
Ноджы ма иу барамындæй Гаглойты Алан ссæрибар кодта ацы бынатæй Гæджиты Иларионы.
Ног хабӕртты лентӕ
0