Ног доны хахх "Верхнар-Къуаиса" сараздзысты ног азы Къуыдаргомӕн

© Пресс-служба президента РЮОНог доны хахх "Верхнар-Къуаиса" сараздзысты ног азы Къуыдаргомӕн
Ног доны хахх Верхнар-Къуаиса сараздзысты ног азы Къуыдаргомӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ног доны хахх сараздзысты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы горӕт Къуаисайӕн, фехъусын кодта Sputnik горӕты мэр Хуыгаты Алан.
Къуыдаргомы сӕйраг цӕрӕн пункт - горӕт Къуаиса ӕмӕ ӕввахс хъӕутӕ донӕй ифтонг цӕуынц доны хахх "Везур-Къуаиса"-йы уылты. Доны хаххӕн ис стыр гуырахст, фӕлӕ донивылдты рӕстӕг вӕййы змӕст.

"Ног объект арӕзт цӕуы Хуссар Ирыстоны размӕцыды инвестицион нывӕсты фӕлгӕтты. Арӕзтад нысан у 2024 азмӕ, йӕ фӕлгӕтты арӕзт ӕрцӕудзӕн доны хахх ӕмӕ дыууӕ резервуары. Донгуырӕн, кӕцыйӕ хъуамӕ уагъд ӕрцӕуа хахх, ӕвӕрд у Къуаисайӕ авд километры дӕрддзӕф Верхнары, уым дон вӕййы сыгъдӕг алы афон дӕр", - загъта горӕты хистӕр.

Уый ма бафиппайдта, ног лини эксплуатацимӕ лӕвӕрд куы рцӕуа, уый фӕстӕ зӕронд линийӕ дӕр пайда кӕндзысты куыд фӕсауӕрцон хаххӕй, афтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0