Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. АРАЗГÆ НЫХÆСТÆ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. АРАЗГÆ НЫХÆСТÆ
Рафыссын
Колхозы сæрдар Челмет бадтис йæ кабинеты. Кабинеты дуар æмæ рудзгуытæ уыдысты гом, æмæ сæрдар уалдзыгон адджын уæлдæф ныхъуырæгау кодта, афтæмæй йе 'стъолы лагъзы цыдæр агуырдта, фæлæ цы агуырдта, уымæн, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр ницы зыдта.
Йæ комкоммæ бадти колхозы бухгалтер æмæ-иу æй, йæ кæсæнцæстытыл схæцгæйæ, афарста: "Цы агурыс, Челмет Тимофеевич?"
Челмет-иу æм бакаст, фæлæ дзургæ ницы скодта.
Фæстагмæ йе 'стъолы лагъз сæхгæдта æмæ йæм фæдзырдта:
— Марадз-ма, Борямæ адзур... стæй Черменæн дæр зæгъ!
Бухгалтер йæ мидбылты бахудт: ау, уæдæ æрдæбонсарæй уыдоны агурыс лагъзы, зæгъгæ. Боря, ставд лулæ дымгæ, сабыргай æрбацыд æмæ рудзынджы дæлвæйнæгтыл æрбадти.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0