Ирон культурӕйы бон ацӕудзӕн Красноярскы

© Sputnik / Илья НаймушинКрасноярск
Красноярск - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Ирон культурӕйы бон ацӕудзӕн ацы сабаты Красноярскы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны националон политикӕ ӕмӕ ӕддагон бастдзинӕдты министрады пресс-службӕ.
Красноярскы цӕрджытӕн сорганизаци кӕндзысты декоративон дзауматы, скифты ӕмӕ сӕрмӕтты хӕцӕнгарз, экипировкӕ ӕмӕ "Арион" ӕрмадзы ювелирон ӕрмӕджыты равдыст, афтӕ ма равдисдзысты киноныв ӕрмгуысты традициты тыххӕй.
Министрады банысан кодтой, егъау мадзалы сӕрмагонд уазӕг кӕй уыдзӕн згъӕрыл нывгӕнӕг, куырд ӕмӕ ювелир Ӕлборты Аслан. Уазджытӕн фадат уыдзӕн хайад райсын кафты мастер-классы, афтӕ ма бафӕлварын националон къӕбицы хӕринӕгтӕ.
Мадзал сорганизаци кодта Красноярскы крайы регионалон ирон националон-культурон автономи "Ирыстон" адӕмты хӕларады Хӕдзары ӕххуысӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0