Хуссар Иры афтекты хицæутты бафæдзæхстой, цæмæй тобæгонд хостæ ма уæй кæной

© Photo : МВД Республики Южная ОсетияХуссар Ирыстоны афтекты хицæутты бафæдзæхстой, цæмæй тобæгонд хостæ ма уæй кæной
Хуссар Ирыстоны афтекты хицæутты бафæдзæхстой, цæмæй тобæгонд хостæ ма уæй кæной - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Гуыцмæзты Аланы барамындмæ гæсгæ, экономикон фыдракæндты ныхмæ тохгæнæг фæткдаруаты кусджытæ æмæ наркотикты уæй кæныны контролы фæдыл фæткдаруаты кусджытæ фæдзæхсынц афтекты хицæутты, цæмæй тобæгонд медицинон хосгæнæн, психотропон æмæ наркотикон, афтæ ма тыхджын архайд кæмæн ис æмæ хъæстæ чи у, ахæм препараттæ ма уæй кæной, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.

"Къухæрфыстимæ радтæм РХИ хицауадæй фидаргонд республикæйы реализацийыл тобæ кæуыл ис æвæрд, уыцы тыхджын æмæ хъæстæ буарадты номхыгъдтæ. Ауадзгæ мадзæлттæ сты фæдзæхстон", - радзырдта МХМ кусæг Санахъоты Михаил.

Уагдоны бафтыдтой, афтекты хицæуттæ фæдзæхстгонд кæй æрцыдысты уголовон бæрндзинады тыххæй, уый сфидар кæнынц къухфыстæй. Номхыгъдмæ бахаудысты ахæм препараттæ, куыд "Лирика", "Прегабалин", "Габапентин", "Баклосан".
Ног хабӕртты лентӕ
0