Мишустин фехъусын кодта Шанхайы æмгуыстады организацийы сæйраг хæслæвæрд

© Фотохост-агентство sco-russia2020.ru /  Ахизын медиабанкмæШанхайы æмгуыстады организацийы хайадисæг паддзахадты рауæрæхгонд рабадт
Шанхайы æмгуыстады организацийы хайадисæг паддзахадты рауæрæхгонд рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 окт - Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы премьер-министр Михаил Мишустин фехъусын кодта, глобалон фæсидтæм хайадисæг паддзахадты фидардзинад сæххæст кæнын æмæ æмбæстæгтæ æмæ куыстуатты хъахъхъæнынады конкуренцийы уавæрты у Шанхайы æмгуыстады организацийы приоритетон хæслæвæрд.

"Уæрæсейы президент Владимир Путин июлы саммиты куыд банысан кодта, афтæмæй Шанхайы æмгуыстады организаци кусы æцæг раст æмæ бирæполярон дунейы арæзтадыл, кæцыйы бындур у æхсæнадæмон барад", - радзырдта Мишустин Шанхайы æмгуыстады организацийы хайадисæг паддзахадты рауæрæхгонд рабадтыл.

Уæрæсейаг премьер бахахх кодта, иумæйаг приоритетон хæслæвæрд кæй у сæххæст кæнын хайадисæг паддзахадты фидардзинад глобалон фæсидтæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0