Нарты кадджытæ. Нарты Батрадз æмæ Балхъар мæликк. Фæндыр куыд фæзынди

Нарты кадджытæ. Нарты Бартардз æмæ Балхъар мæликк. Фæндыр куыд фæзынди
Бафыссын
НовостиTelegram
Нарт иумæйаг æмбырддон хæдзар арæзтой æмæ йыл фæцархайдтой афæдзæй-афæдзмæ, цæмæй йæм Сырдон фа ума æрхастаид, уый тыххæй. Уæд сцæттæ ис хæдзар æмæ загътой:
- Ныр фенын кæнæм нæ хæдзар Сырдонæн, уæддæра ма йæм исты фау хæссы æви нæ?
Арвыстой дын Сырдонмæ Сосланы.
Сослан æм ныццыди æмæ йын загъта:
- Нарты æмбыры дæм дзурынц.
Уæд ын Сырдон загъта:
- Ацæудзынæн!..
Æмæ араст сты иумæ. Æмæ бацыдысты Нарты иумæйаг хæдзармæ. Нарт се ‘ппæт дæр уым уыдысты æмæ загътой Сырдонæн:
Нæ хæдзар дæ зæрдæмæ цæуы æви май æ исты фау си?
Сырдон фæракæс-бакæс кодта хæдзары къуымты.
- Хорз у, фæлæ ма… - зæгъгæ, загъта Сырдон æмæ сыстад æмæ рацыди.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0