https://sputnik-ossetia.com/20231026/narty-kaddzhyt-soslan-mrdty-bsty-26396026.html
Нарты кадджытæ. Сослан мæрдты бæсты
Нарты кадджытæ. Сослан мæрдты бæсты
Иу изæр куы уыди, уæд Сослан бадти Нарты Ныхасы. Уалынджы Уырызмæг цуанæй уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрцыдис. 26.10.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-10-26T13:50+0300
2023-10-26T13:50+0300
2023-10-26T16:02+0300
радио иронау
нарты кадджытӕ
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/1a/26395858_0:0:711:400_1920x0_80_0_0_d2f0b9aa67ffb6ecff2e6a7f8cc26dcd.png
Нарты кадджытæ. Сослан мæрдты бæсты
Нарты кадджытæ. Сослан мæрдты бæсты
Иу изæр куы уыди, уæд Сослан бадти Нарты Ныхасы. Уалынджы Уырызмæг цуанæй уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрцыдис.- Цæуыл æнкъард дæ, Уырызмæг? – фæрсы йæ Сослан.- Бирæ фæхаттæн, фæлæ мыл ахæм æмбисонд никуыма сæмбæлд, - загъта Уырызмæг. – Ацы бон хъамылы уыдтæн цуаны. Кæсын, æмæ иу ран хуры тынтæ ныккастысты æстдæссион сагмæ. Æхстбæрцмæ йæм бацыдтæн, ме ‘рдын æмæ фæцарæзтон, æмæ гъа ныр фехсон, куыд загътон, афтæ мæ фæттæ иууылдæр фæпырх сты, иу дæр дзы нал аззадис мæ фатдоны. Уæд мæ цирхъ фелвæстон æмæ йæ басырдтон, фæлæ та йæ æрцæвон, зæгъгæ, куыд загътон, афтæ цирхъ мæ къухтæй асхъиудта, æмæ иунæг Хуыцау зоны, цы фæци; саг дæр фестадис æмæ алыгъди. Бæргæ ма алыгътæн йæ фæстæ, фæлæ ацу æмæ йæ ды ссар: уайтагъд æрбадæлдзæх и! – Саг та – ахæм саг, æмæ йæ хъуын уыди сыгъзæрин.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/1a/26395858_0:0:533:400_1920x0_80_0_0_17df9a1ad3fe36ff913d81ade7a28960.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
радио иронау , нарты кадджытӕ, аудио
радио иронау , нарты кадджытӕ, аудио
Иу изæр куы уыди, уæд Сослан бадти Нарты Ныхасы. Уалынджы Уырызмæг цуанæй уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрцыдис.
- Цæуыл æнкъард дæ, Уырызмæг? – фæрсы йæ Сослан.
- Бирæ фæхаттæн, фæлæ мыл ахæм æмбисонд никуыма сæмбæлд, - загъта Уырызмæг. – Ацы бон хъамылы уыдтæн цуаны. Кæсын, æмæ иу ран хуры тынтæ ныккастысты æстдæссион сагмæ. Æхстбæрцмæ йæм бацыдтæн, ме ‘рдын æмæ фæцарæзтон, æмæ гъа ныр фехсон, куыд загътон, афтæ мæ фæттæ иууылдæр фæпырх сты, иу дæр дзы нал аззадис мæ фатдоны. Уæд мæ цирхъ фелвæстон æмæ йæ басырдтон, фæлæ та йæ æрцæвон, зæгъгæ, куыд загътон, афтæ цирхъ мæ къухтæй асхъиудта, æмæ иунæг Хуыцау зоны, цы фæци; саг дæр фестадис æмæ алыгъди. Бæргæ ма алыгътæн йæ фæстæ, фæлæ ацу æмæ йæ ды ссар: уайтагъд æрбадæлдзæх и! – Саг та – ахæм саг, æмæ йæ хъуын уыди сыгъзæрин.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.