Цхинвалы алвæндæгтæй иуыл æрцыд ФТЦ, зиан баййæфта шофыр

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы алвæндæгтæй иуыл æрцыд ФТЦ, зиан баййæфта скъæрæг
Цхинвалы алвæндæгтæй иуыл æрцыд ФТЦ, зиан баййæфта скъæрæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 окт - Sputnik. Горæт Цхинвалы Советон æмæ Островскийы уынгты алвæндагыл æрцыд фæндагон-транспортон цау, уый фæстиуæгæн зиан баййæфта иу адæймаг, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæ.
Милицийы развæлгъау информацимæ гæсгæ автомобиль "Ока"-йы скъæрæг нæ радта фæндаг "Lexus"-ы скъæрæгæн æмæ кæрæдзийыл сæмбæлдысты.

"Аварийы зиан баййæфта "Ока"-йы шофыр, баластой йæ рынчындонмæ", - банысан кодтой МХМ.

Министрады бафтыдтой, ПАИ кусждытæ кæй бæрæг кæнынц цауы æууæлтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0