Гаглойты Алан Ирыстоны Уæрæсеимæ баиу кæныны 250-æм афæдзыбоны тыххæй

© Sputnik / Дзерасса ТеховаГаглойты Алан Ирыстоны Уæрæсеимæ баиу кæныныл 250-æм афæдзыбоны тыххæй
Гаглойты Алан Ирыстоны Уæрæсеимæ баиу кæныныл 250-æм афæдзыбоны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.10.2023
Рафыссын
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 27 окт – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Цæгат Ирыстоны Æхсæнадæмон зонадон-практикон конференци "Ирыстоны Уæрæсеимæ баиу кæныны 250-æм афæдзыбон"-ы пленарон рабадты майрæмбоны Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан радзырдта Ирыстоны бархион равзæрстыл XVIII æнусы Уæрæсеимæ баиу кæныны фæдыл.

"Ирæттæ иухатт равзæрстой Уæрæсеимæ цæдис æмæ баззадысты иузæрдионæй æппæт историон уавæрты дæр…Ацы иудзинад у ирд сомбоны фидар бындур, уымæн æвдисæн – 15 азы размæ 2008 азы августы Гуырдзыстон радон хатт куы райхæлдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ гарзджын агресси. Мæлæтдзаг тасы раз нæ адæм фæлæууыдысты, уымæн æмæ сæ фидарæй уырныдта, Уæрæсе кæй нæ ныууаддзæн зын уавæры æмæ æрцæудзæн æххуысмæ", - загъта Гаглойты Алан.

Конференцийы куысты хайад исынц Уæрæсейы алыхуызон регионтæ æмæ Кавказы паддзахадтæй делегаттæ. Стыр делегаци æрцыд Хуссар Ирыстонæй. Йæ сæргъ слæууыд паддзахады разамонæг Гаглойты Алан, хайад дзы исынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим æмæ Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт.
Ног хабӕртты лентӕ
0