Нарты кадджытæ. Сосланы кæрц. Сослан æмæ гуымаг лæг. Сослан æмæ Тары фырттæ

Нарты кадджытæ. Сосланы кæрц. Сослан æмæ гуыммаг лæг. Сослан æмæ Тары фырттæ
Рафыссын
Сослан сфæнд кодта Нарты астæу бæрæгдæрæй фæцæрын. Уый тыххæй йæ зæрды æрыфтыди лæджы сæрдзæрмттæй æмæ рихидзæрмттæй кæрц скæнын. Уыцы хъуыддаг никæй къухы æфтыди.
Сослан-иу лæг амардта, йæ сæры царм-иу ын æд рихитæ растыгъта, афтæмæй æнæхъæн кæрцхор æрæмбырд кодта цæрмттæ. Кæрцхор ын куы сысты, уæд сагъæс кæнын байдыдта, чи мын бахуыйдзæнис мæ кæрц æнæ аиппæй, зæгъгæ.
Иу ран бадтис æртæ чызджы. Сослан уыдонмæ фæхаста йæ кæрцаг хуыйынмæ. Чызджытæ сæрмдзæрттæм æмæ рихидзæрмттæм куы ‘ркастысты, уæд дзы чий æ мадыфсымæры сæрдзарм æмæ рихидзарм базыдта, чи йæхи æфсымæры, æмæ сагъæс кæнын байдыдтой, цы кæнæм, зæгъгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0