РХИ Генпрокуратурæ снысан кодта уæлæмхасæн басгæрст ахæстыты фæнæмыны фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ахæстон
Цхинвалы ахæстон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ снысан кодта уæлæмхасæн басгæрст Цхинвалы рæстæгмæдарæн колонийы ахæстыты фæнæмыны цауы фæдыл. Уый тыххæй цыппæрæмы ацæугæ парламенты рабадтыл фехъусын кодта цæстдардон уагдоны разамонæг Собаты Григорий.
Генпрокурор банысан кодта, уæлæмхасæн басгæрст кæй снысан кодтой, уагдонмæ депутатон куырдиат куы æрбацыд, уый фæстæ.
"Йæ рæстæджы ацы æрмæджыты фæдыл рахастæуыд уголовон хъуыддаг бакæныныл нæразыдзинад, фæлæ депутатон куырдиаты фæстæ æрмæджытыл ногæй райдыдта куыст. Абоны бон нысангонд æрцыд басгæрст, кæцыйы фæлгæтты мах саргъ кæндзыстæм архæйдтытæн", - загъта генпрокурор.
Собаты Григорий бахахх кодта, басгæрсты хатдзæгтæм гæсгæ Генпрокуратурæ рахæсдзæн процессуалон скъуыддзаг, кæцыйы тыххæй фехъусын кæндзæн республикæйы парламенты депутаттæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0