Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ЗÆРДÆВÆРÆН

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ЗÆРДÆВÆРÆН
Рафыссын
Абон тынг бирæ адæм ис Бабойы бригады станы. Колхозонтæ рацыдысты сæ хуымтæ фыццаг рывд кæнынмæ.
Хорты æвзар хорз у, стæй хорз похцийæ ласт сты нартхоры хуымтæ —æнæкæрдæг, зæхх хæмпус, æмæ гъе уымæн хъæлдзæг сты колхозонтæ.
Ныртæккæ у бонрæфтæ æмæ колхозонтæ æрбацыдысты сихор хæрынмæ, стæй сæ фæллад суадзынмæ.
Сихор чи бахордта, уыдон сæхи ауагътой тута бæлæсты бын æмæ сæ фæллад уадзынц, хистæртæй ма кæмæндæрты сæ хуыр-хуыр дæр ссыди.
Æрмæст фæсивæд не 'нцайынц сæ хъæлдзæг худт æмæ сæ зыланг ныхасæй.
Рубайты Лексо дæр иуварс бады æмæ йæ къæпи рæсæй адау-адау кæны, йæ къухы уырзæй йæ асгары.
Раст зæгъгæйæ, йæ къæпи раджы сцыргъ кодта, фæлæ йæ ныр иу цасдæр рауын-бауын кæны, йæ цæст Бабомæ дары, афтæмæй. Бæрæг уыди, Лексойы Бабоимæ цæуылдæр аныхас кæнын кæй фæндыд, уый,
æмæ агуырдта аныхас кæнынæн æфсон, бригадирæй йæ цæст нæ иста.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0