Гаглойты Алан: Хуссар Иры разысгарджытӕ ӕхсӕвӕй бонӕй хъахъхъӕнынц бӕстӕйы интерестӕ

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан: Хуссар Иры разысгарджытӕ ӕхсӕвӕй бонӕй хъахъхъӕнынц бӕстӕйы интерестӕ
Гаглойты Алан: Хуссар Иры разысгарджытӕ ӕхсӕвӕй бонӕй хъахъхъӕнынц бӕстӕйы интерестӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕддагон разысгӕрсты службӕйы (ӔРС) кусджытӕ намысджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕныны фӕдыл, рагфӕдзӕхст ӕмӕ иуварс кӕнынц потенциалон ӕддагон тастӕ. Уый тыххӕй дзырдӕуы республикӕйы президент Гаглойты Аланы арфӕйы телы ӔРС кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.
Паддзахады разамонӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй сӕрмагонд службӕ ныхмӕ лӕууы экстремистон архайдӕн ӕмӕ йӕ хайбавӕрд хӕссы Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинад ӕххӕст кӕныны хъуыддагмӕ.
"Ӕддагон тастӕ иуварс кӕнгӕйӕ, хуссарирыстойнаг разысгарджытӕ ӕхсӕвӕй бонӕй хъахъхъӕнынц нӕ националон интерестӕ", - бахахх кодта президент.
Гаглойты Алан зӕрдыл ӕрбалӕууынц кодта, гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы 2008 азы августы ӔРС кусджытӕ активон хайад кӕй истой хӕстон архӕйдтыты, хъахъхъӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахады бартӕ суверенон райрӕзтмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0