Нарты кадджытæ. Нæртон Батрадз паддзахмæ хæцынмæ куыд ацыд. Сослан – тыхагур

Нарты кадджытæ. Нæртон Батрадз паддзахмæ хæцынмæ куыд ацыд. Сослан – тыхагур
Рафыссын
Нарты фæсивæд æмгуыппæй Хъазæн фæзы æрæмбырд сты. Стыр симд самадтой уыцы ран. Сосланæй хуыздæр ничи сарæхсти симынмæ Нарты фæсивæдæй. Зæххыл куыд арæхсти, фæсивæды уæхсчытыл дæр афтæ арæхсти Нарты сгуыхт Сослан.
"Цæйут, ныр та нæ фæттæ бавзарæм!" - загътой Нарты фæсивæд, бирæ куы фæсимдтой, уæд. Мысан æрывæрдтой, æхсынтæ байдыдтой. Нарты фæсивæдæй цæуылнæ разындаид рæстдзæвинтæ. Фæлæ дзы Сосланы хуызæн иу дæр нæ фесгуыхт фатæй: уыцы иу ран æмбæлдис йæ фат алы æхстæн дæр.
Чысыл фалдæр, фурды был, ривæд кодтой фос. "Æххæст-ма нæ тых дæр бавзарæм, - загътой Нарты фæсивæд. – Цомут фурды былмæ". Бацыдысты Нарты фæсивæд фурбы былмæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0