https://sputnik-ossetia.com/20231030/sakadakh-nauruyyl-svzrstoy-nog-prezidenty-26448289.html
Сакъадах Науруйы сæвзæрстой ног президенты
Сакъадах Науруйы сæвзæрстой ног президенты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссайраг Сабыр денджызы сакъадахон паддзахад Науруйы, кæцы банымадта Абхаз мæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, ног президентæй... 30.10.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-10-30T12:20+0300
2023-10-30T12:20+0300
2023-10-30T12:27+0300
дунейы
политикӕ
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/976/85/9768599_0:100:1501:944_1920x0_80_0_0_4851fd385e90c5dda4a990d38a457875.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссайраг Сабыр денджызы сакъадахон паддзахад Науруйы, кæцы банымадта Абхаз мæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, ног президентæй сæвзæрстой политик Дэвид Адеангы. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости новозеландаг радио RNZ-мæ æрвитгæйæ.Дэвид Адеанг зындгонд у кубæйы æвварс кæй хæцыд æмæ АИШ кæй критикæ кодта, афтæ ма нымад у Науруйы закъондæттæгты ветерантæй иуыл, уыд парламенты спикер 2004-2008 азты, куыста министрты бынæтты, йæ фыд та йæ рæстæджы æртæ хатты ссис паддзахады президент.Банысангонд æрцыд, Аденгы кæй сæвзæрстой сусæг хъæлæсæппæрстæй парламенты. Раздæры президент Расса Кунайæн рахастой импичмент.Республикæ Науру банымадта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2009 азы 16 декабры. Афтæ ма республикæйы хæдбардзинад банымадтой Уæрæсе, Никарагуа, Венесуэла æмæ Сири.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/976/85/9768599_0:0:1333:1000_1920x0_80_0_0_e8e14f17032ce3cc6ece00c79844a1a9.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
дунейы, политикӕ, ног хабӕрттӕ
дунейы, политикӕ, ног хабӕрттӕ
Сакъадах Науруйы сæвзæрстой ног президенты
12:20 30.10.2023 (Ранӕуӕггонд: 12:27 30.10.2023) ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссайраг Сабыр денджызы сакъадахон паддзахад Науруйы, кæцы банымадта Абхаз мæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, ног президентæй сæвзæрстой политик Дэвид Адеангы. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости новозеландаг радио RNZ-мæ æрвитгæйæ.
Дэвид Адеанг зындгонд у кубæйы æвварс кæй хæцыд æмæ АИШ кæй критикæ кодта, афтæ ма нымад у Науруйы закъондæттæгты ветерантæй иуыл, уыд парламенты спикер 2004-2008 азты, куыста министрты бынæтты, йæ фыд та йæ рæстæджы æртæ хатты ссис паддзахады президент.
Банысангонд æрцыд, Аденгы кæй сæвзæрстой сусæг хъæлæсæппæрстæй парламенты. Раздæры президент Расса Кунайæн рахастой импичмент.
Республикæ Науру банымадта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2009 азы 16 декабры. Афтæ ма республикæйы хæдбардзинад банымадтой Уæрæсе, Никарагуа, Венесуэла æмæ Сири.