Нарты кадджытæ. Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта

Нарты кадджытæ. Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис. Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Рафыссын
Иуахæмы Сослан дард балцы цæуын сфæнд кодта æмæ араст ис Хурысксæнырдæм. Йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæх æй арвæй зæххы атæуты фескъæфы.
Нартæй чидæртæ Сосланмæ мæсты уыдысты. Хъуыды кæнын байдыдтой, йæ зæрдæ йын тынгдæр цæмæй фæриссын кæнæм, цы фыд ын скæнæм, зæгъгæ, æмæ сæ фæнд ууыл ахицæн ис: "Йæ мад Сатанайы йын цæрдудæй мæрдтæм барвитæм – зындоны цады йæ баппарæм". Барвыстой Сатанамæ: "Абон – майрæмбон, иннæ майрæмбоны дын цæрдудæй зындоны цады æнæ ныппаргæ нæй, æмæ дæм тæригъæдæй цы ис, уыдоныл уæдмæ скув".
Куыд нæ бауынгæг уыдаид Сатанайæн йæ зæрдæ. Нырдиаг кодта, йæ цæстысыг ставд цæппузырæй нызгъæлдта. Хъуыды кæнын байдыдта Сатан, мæ ‘нæныййаргæ лæппу Сосланæн цы амалæй фехъусын кæнон, зæгъгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0