Депутатты къорд банхъардтой республикæйы президенты æвзæрстыты закъон фæкарздæр кæнын

© Мария СанакоеваДепутатты къорд банхъардтой республикæйы президенты æвзæрстыты закъон фæкарзæд кæнын
Депутатты къорд банхъардтой республикæйы президенты æвзæрстыты закъон фæкарзæд кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум систа боны фæткæй Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарст.
Уый размæ депутатты къорд бахастой æнхъарæн, цæмæй æвзæрстон закъон фæкарздæр кæныны тыххæй æмæ ралæууыдысты Конституцимæ ивындзинæдты рад бахæссыны инициативæмæимæ.
Сæрмагондæй та сæ уынаффæ уыд паддзахады Бындурон закъоны 48 уац баххæст кæнын, ома, раздæр президенты бынаты чи куыста æмæ ног æвзæрстыты кæй нæ равзæрстой, уымæн мауал уа паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ цæуыны бар.
Æнхъарæн рацыд Адæмон парти, парти "Ныхас", Компарти æмæ цалдæр иумандатон депутаты хъæппæрисæй. Президиумы банысан кодтой, ацы фарстмæ кæй æрыздæхдзысты комитеттæ се ᾿ппæт дæр æм куы æркæсой, уæд.
Ног хабӕртты лентӕ
0