https://sputnik-ossetia.com/20231101/epkhity-ttri-radzyrdt-mbal-rmudzovy-bazon-bazonty-26350840.html
Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ÆМБАЛ РÆМУДЗОВЫ "БАЗОН-БАЗОНТÆЙ"
Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ÆМБАЛ РÆМУДЗОВЫ "БАЗОН-БАЗОНТÆЙ"
Sputnik Хуссар Ирыстон
— Базон-базон хуыйæн кæри хæргæйæ йæ хъусыл дур куы ныццæвай, уæд цæмæн фæхъус вæййы? — афарста Тъури Бурийы. 01.11.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-11-01T17:49+0300
2023-11-01T17:49+0300
2023-11-01T17:49+0300
епхиты тæтæри. уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/18/26350674_79:0:2001:1081_1920x0_80_0_0_b141aef8c761b29d975b894d12dc41b1.png
Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ÆМБАЛ РÆМУДЗОВЫ «БАЗОН-БАЗОНТÆЙ»
Sputnik Хуссар Ирыстон
Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ÆМБАЛ РÆМУДЗОВЫ "БАЗОН-БАЗОНТÆЙ"
— Базон-базон хуыйæн кæри хæргæйæ йæ хъусыл дур куы ныццæвай, уæд цæмæн фæхъус вæййы? — афарста Тъури Бурийы. — Æмæ ма йæ дæхæдæг зæгъ! — йæ бур сæр аныхгæйæ, загъта Бури. — Æз... Æз æй, гъай-гъай, зæгъдзынæн! —ралæхурдта Тъурийы гуылæвзаг. — Йа ма, уæдæ, кæддæра йæ æз куыд зæгъынмæ хъавын, афтæ йæ зæгъис.— Нæ, ды уал зæгъ, æз дын радтон фарста,—бахудгæйæ загъта Тъури æмæ йæ уыдырныджын уадултæ аныхта.— Зæгъ мын уæдæ, цæй дымæгмæ мын дæттыс ахæм фарста? — афарста Бури. — Зæгъ уал, стæй дын æй зæгъдзынæн!— Нæ, ды уал зæгъ!— Нæ, ды уал зæгъ! — тæргай хуызæй загъта фæстагмæ Бури æмæ йæ фындз аууæрста. — Уæдæ йæ нæ зоныс, æмæ йыл басæтт, — йæ дæндæгтæ базыхъхъыр кæнгæйæ, сдзырдта Тъури.Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/18/26350674_388:0:1829:1081_1920x0_80_0_0_9d8375844c11859196c6c5d9b07d654e.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
— Базон-базон хуыйæн кæри хæргæйæ йæ хъусыл дур куы ныццæвай, уæд цæмæн фæхъус вæййы? — афарста Тъури Бурийы.
— Æмæ ма йæ дæхæдæг зæгъ! — йæ бур сæр аныхгæйæ, загъта Бури.
— Æз... Æз æй, гъай-гъай, зæгъдзынæн! —ралæхурдта Тъурийы гуылæвзаг.
— Йа ма, уæдæ, кæддæра йæ æз куыд зæгъынмæ хъавын, афтæ йæ зæгъис.
— Нæ, ды уал зæгъ, æз дын радтон фарста,—бахудгæйæ загъта Тъури æмæ йæ уыдырныджын уадултæ аныхта.
— Зæгъ мын уæдæ, цæй дымæгмæ мын дæттыс ахæм фарста? — афарста Бури. — Зæгъ уал, стæй дын æй зæгъдзынæн!
— Нæ, ды уал зæгъ! — тæргай хуызæй загъта фæстагмæ Бури æмæ йæ фындз аууæрста.
— Уæдæ йæ нæ зоныс, æмæ йыл басæтт, — йæ дæндæгтæ базыхъхъыр кæнгæйæ, сдзырдта Тъури.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.