Хуссар Иры скъолатӕй иуӕн хъавынц радтын СӔО фӕмардуӕвӕг хӕстоны ном

© Photo : Пресс-служба Ленингорского районаДриаты Энвер
Дриаты Энвер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Орчъосаны хъӕуы скъолайӕн фӕнд кӕнынц радтын Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстон, скъолайы рауагъдон Дриаты Энверы ном, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.
Дриаты Энвер фӕмард 28 октября 2022 азы СӔО архайгӕйӕ. Йӕ рухс ном йын ссардтой Орчъосаны скъолайы, цы ран уый ахуыр кодта. Йӕ мысӕн изӕрмӕ бацыдысты педагогон коллектив, хиуӕттӕ, йӕ ныййарӕг мад Тедеты Элла, лӕппуйӕн йӕ хӕлӕрттӕ.
"Скъолайы разамынды фӕнды йӕ рауагъдон Дриаты Энверы ном сӕнусон кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнӕн уагдонӕн йӕ ном радтын. Уый махӕн у хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинады дӕнцӕг", - хъусын кӕны пресс-службӕ скъолайы директор Дриаты Иринайы ныхӕстӕ.
Дриаты Энвер 2009 азы скъолайы фӕуды фӕстӕ бацыд ахуырмӕ Мӕскуыйы иумӕйаг ӕфсӕддон командон ахуыргӕнӕндонмӕ. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй уыд фыццаг рӕнхъыты ӕмӕ намысджынӕй ӕххӕст кодтай йӕ хӕс. 7 апрелы 2022 азы карз тохы Донецкы хаххыл райста уӕззау цӕфтӕ, дохтыртӕ цалдӕр мӕй тох кодтой йӕ цард фервӕзын кӕныныл, фӕлӕ аирвӕзын кӕнын нӕ бантыст. Йӕ хъӕбатырдзинады лыххӕй лӕппу йӕ амӕлӕты фӕстӕ бавдыстгонд ӕрцыд Уӕрӕсейы бӕрзонд паддзахадон хорзӕх - Хъӕбатырдзинады орден ӕмӕ Паддзахад Аланийы майдан "Защитнику Отечества"- мӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0