https://sputnik-ossetia.com/20231101/so-khussarirystoynag-khstontn-arvitdzysty-gumanitaron-khkhuys--26488608.html
СÆО хуссарирыстойнаг хæстонтæн арвитдзысты гуманитарон æххуыс
СÆО хуссарирыстойнаг хæстонтæн арвитдзысты гуманитарон æххуыс
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хæстонтæн, кæцытæ исынц хайад Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы радон хатт арвитдзысты гуманитарон æххуыс. Уый тыххæй Sputnik... 01.11.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-11-01T15:28+0300
2023-11-01T15:28+0300
2023-11-01T15:28+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/01/26488419_0:0:3072:1728_1920x0_80_0_0_46bbac8912aefaa00c58bac3bfef9ef0.jpg
СÆО хуссарирыстойнаг хæстонæн арвитдзысты гуманитарон æххуыс
Sputnik Хуссар Ирыстон
СÆО хуссарирыстойнаг хæстонæн арвитдзысты гуманитарон æххуыс
Хуссар Ирыстоны хæстонтæн, кæцытæ исынц хайад Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы радон хатт арвитдзысты гуманитарон æххуыс. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы парламенты экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæрдары хæдивæг Къуезерты Арсен."Ацы хатт нæ уаргъы фылдæр хай уыдзысты медикаменттæ. Куыд уазал кæны, афтæ нæм бахатыдысты, зæгъгæ, сæ кæй хъæуы хостæ", - радзырдта ныхасæмбал.Депутат бафтыдта, æнæмæнхъæуæг æхцайы фæрæзтæ арæх æрвитынц республикæйы цæрджытæ, сæ иу Знауыры районы скъолайы ахуыргæнинаг – конкурсы цы æхца рамбылда – 50 мин сомы, уыдон радта СÆО хæстонты æххуысæн. Афтæ ма æххуыс кæнынц "Альбион"-ы скъолайы ахуыргæнджытæ, "РХИ Адæмон парти" æмæ республикæйы президент Гаглоты Алан.Бæстондæрæй интервьюмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/01/26488419_91:0:2822:2048_1920x0_80_0_0_7859d9b3cbd83713a161bb814de6a2d7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ, аудио
Хуссар Ирыстоны хæстонтæн, кæцытæ исынц хайад Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы радон хатт арвитдзысты гуманитарон æххуыс. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы парламенты экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæрдары хæдивæг Къуезерты Арсен.
"Ацы хатт нæ уаргъы фылдæр хай уыдзысты медикаменттæ. Куыд уазал кæны, афтæ нæм бахатыдысты, зæгъгæ, сæ кæй хъæуы хостæ", - радзырдта ныхасæмбал.
Депутат бафтыдта, æнæмæнхъæуæг æхцайы фæрæзтæ арæх æрвитынц республикæйы цæрджытæ, сæ иу Знауыры районы скъолайы ахуыргæнинаг – конкурсы цы æхца рамбылда – 50 мин сомы, уыдон радта СÆО хæстонты æххуысæн. Афтæ ма æххуыс кæнынц "Альбион"-ы скъолайы ахуыргæнджытæ, "РХИ Адæмон парти" æмæ республикæйы президент Гаглоты Алан.
Бæстондæрæй интервьюмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.