Уæрæсейы æфсæддонтæ æрæппæрстой дыууæ украинæйаг дроны Брянск æмæ Курскы областты

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсæддонтæ æрыппæрстой дыууæ украинæйаг дроны Брянск æмæ Курскы областты
Уæрæсейы æфсæддонтæ æрыппæрстой дыууæ украинæйаг дроны Брянск æмæ Курскы областты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 ноя - Sputnik. Киевы режим нывæндыд сæххæст кæнын Уæрæсейы территорийыл террористон атакæтæ æнæпилотон тæхæг аппаратты руаджы, дыууæ дроны æрæппæрстой уæлдæфон хъахъхъæнæнынады фæрæзтæ Брянск æмæ Курскы областты, фехъусын кодтой Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
"Дысон æхсæв аиуварс æрцыд Киевы режимы фæлварæн сæххæст кæнын террористон атакæ æнæпилотон тæхæг аппаратты руаджы Уæрæсейы Федерацийы территорийыл объекттыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, уæлдæфон хъахъхъæнæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой дыууæ украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Брянск æмæ Курскы областты.
Ног хабӕртты лентӕ
0