https://sputnik-ossetia.com/20231102/epkhity-ttri-radzyrdt-khuyyndag-26351621.html
Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ХУЫЙÆНДАГ
Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ХУЫЙÆНДАГ
— Ацы хуыйæндаг абæттын мæ астæуыл... Хистæр лæппу мын мæ рон ахаста æмæ ... — йæ четæн куырæт дзæбæхтæ кæнгæйæ, загъта Фæхтыхъо, æмæ йæ сырх тугбадт цæстытæ... 02.11.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-11-02T17:30+0300
2023-11-02T17:30+0300
2023-11-02T17:30+0300
епхиты тæтæри. уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/18/26351446_79:0:2001:1081_1920x0_80_0_0_d0906d11d258cf6ab544b95e2a7108d8.png
Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ХУЫЙÆНДАГ
Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ХУЫЙÆНДАГ
— Ацы хуыйæндаг абæттын мæ астæуыл... Хистæр лæппу мын мæ рон ахаста æмæ ... — йæ четæн куырæт дзæбæхтæ кæнгæйæ, загъта Фæхтыхъо, æмæ йæ сырх тугбадт цæстытæ фырдзарм худы бынæй бакастысты Дзæрнахъомæ.Фæхтыхъо лæууыдис сæ хъæмпын сарайы кæрон, къонамæ 'ввахс, Дзæрнахъо дæр йæ цуры. Фæхтыхъо йæ куырæт дзæбæхтæ куы кодта, уæд Дзæрнахъомæ дæр хардзау æркаст — йæ сау нымæт худ систа йæ сæрæй æмæ йын йе 'ставд хъистæ æвзарын райдыдта. — Æмæ та кæм ис уæ хистæр лæппу? — Дзæрнахъо худæй йæ цæстæнгас нæ систа, афтæмæй бафарста Фæхтыхъойы.— Æмæ-гъа, цы йын зонын æз дæр, усгур та, дам, ацыд Хъахъхъæдурмæ, зæгьынц.— Ды дæр, Фæхтыхъо, цотджынæй æнæ цот дæ: æз урс кæнын куы райдыдтон, уæдæй нырмæ уæ хъусын: "Нæ хистæр лæппу та усгур ацыд!" Ау, уый аккаг дзыллæйы зылды нæй, æви?! Нæ фæлæ дæу дæр амонд нæ фæци, Фæхтыхъо, нæ фæбæззыдысты дæ цот!Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/18/26351446_369:0:1810:1081_1920x0_80_0_0_9e3aad47a9cedb5359e194403410311e.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
— Ацы хуыйæндаг абæттын мæ астæуыл... Хистæр лæппу мын мæ рон ахаста æмæ ... — йæ четæн куырæт дзæбæхтæ кæнгæйæ, загъта Фæхтыхъо, æмæ йæ сырх тугбадт цæстытæ фырдзарм худы бынæй бакастысты Дзæрнахъомæ.
Фæхтыхъо лæууыдис сæ хъæмпын сарайы кæрон, къонамæ 'ввахс, Дзæрнахъо дæр йæ цуры. Фæхтыхъо йæ куырæт дзæбæхтæ куы кодта, уæд Дзæрнахъомæ дæр хардзау æркаст — йæ сау нымæт худ систа йæ сæрæй æмæ йын йе 'ставд хъистæ æвзарын райдыдта. — Æмæ та кæм ис уæ хистæр лæппу? — Дзæрнахъо худæй йæ цæстæнгас нæ систа, афтæмæй бафарста Фæхтыхъойы.
— Æмæ-гъа, цы йын зонын æз дæр, усгур та, дам, ацыд Хъахъхъæдурмæ, зæгьынц.
— Ды дæр, Фæхтыхъо, цотджынæй æнæ цот дæ: æз урс кæнын куы райдыдтон, уæдæй нырмæ уæ хъусын: "Нæ хистæр лæппу та усгур ацыд!" Ау, уый аккаг дзыллæйы зылды нæй, æви?! Нæ фæлæ дæу дæр амонд нæ фæци, Фæхтыхъо, нæ фæбæззыдысты дæ цот!
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.