Хуссар Иры Хъæууон хæдзарады министрад уадзы фосы æнæниздзинады басгæрсттæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры Хъæууон хæдзарады министрад уадзы фосы æнæниздзинады басгæрсттæ
Хуссар Иры Хъæууон хæдзарады министрад уадзы фосы æнæниздзинады басгæрсттæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрад уадзы мадзæлттæ хъомвосы туг райсынæй, цæмæй сын се 'нæниздзинад басгарой.

"Туг райсынæй дарддæр ма уадзынц хъомвосы вакцинаци 2023 азы эпизоотикæйы ныхмæ мадзæлтты фæлгæтты, афтæ ма дарддæр кæнынц стуртыл биркæтæ æвæрын", - банысан кодта Ветеринари æмæ фосдарыны фæткдаруаты сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз.

Ахæм мадзæлттæ уадздзысты Ветеринари æмæ фосдарыны фæткдаруаты кусджытæ Фосы низтимæ тох кæныны ныхмæ службæимæ республикæйы æппæт районты дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0