Нарты кадджытæ. Батрадз Нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта. Нарты симд

Нарты кадджытæ. Батрадз Нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта. Нарты симд
Рафыссын
Уæд та иу хатт Нарты гуыппырсартæ – Уырызмæ, Хæмыц æмæ Сослан ацыдысты цуаны. Авд боны æмæ авд æхсæвы фæхаттысты, æмæ сыл сырдæмбæлæг нæ фæци.
Хæлцæй дæр æмæ дарæсæй дæр схъуаг сты Нарт æмæ сфæнд кодтой фæстæмæ раздæхын. Цæуынц, цæуынц, æмæ сыл иу тар хъæды кæрон иу урс саг фембæлди – сæ фæндаг сын разæргæвст æркодта, афтæмæй фæлидзы.
Нарт сæ номдзыд хотыхтæ фелвæстой æмæ йæ афтæмæй сурынтæ байдыдтой. Саг сæм æхстбæрцмæ æрлæууы, стæй та дарддæр алидзы. Нарт дæр æй сурынц, уæдæ цы! Авд хохы æддæмæ сæ басайдта саг æмæ уым цыдæр æрбаци.
Бон йæ бартæ суагъта, æмæ æхсæвы йæ тар къабæзтæ зæххыл æрытыдта. Стонг сæ хъуырмæ кæнын байдыдта Нарты. Катайы бацыдысты: сæхимæ цæуой, æмæ байрæджы ис, уым лæууой, æмæ æхсæвæрæн цы схос кæндзысты?!
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0