Уӕрӕсейаг журналистикӕйӕн ис сӕрибардзинады иууыл егъаудӕр диапазон дунейы – Киселев

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæДмитрий Киселев
Дмитрий Киселев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя – Sputnik. Уӕрӕсейы ис сӕрибардзинады иууыл егъаудӕр диапазон журналисттӕн, уыдон руаджы УФ ӕхсӕнад ис балансы, фехъусын кодта медиакъорд "России сегодня"-йы гендиректор Дмитрий Киселев Хӕдбар паддзахӕдты ӕмбалады (ХПӔ) бӕстӕты медиафорумы.
"Уӕрӕсейаг журналистикӕ у сӕрибар, уымӕн ис сӕрибардзинады иууыл егъаудӕр диапазон дунейы, ис дзы ӕрмӕстдӕр иу арӕнӕвӕрд, нӕ хъӕуы фыссын фейктӕ уӕрӕсейаг ӕфсады тыххӕй. Нӕ коллегӕты куысты фӕрцы уӕрӕсейаг ӕхсӕнад ис балансы", - загъта Киселев.
Хӕдбар паддзахӕдты ӕмбалады хайадисӕг бӕстӕты II Медиафорум "Медиайы райрӕзт ивгӕ дунейы" нывонд у ХПӔ дзыллон информацион фӕрӕзты уавӕр ӕмӕ перспективӕты анализӕн. Мадзал сорганизаци кодта Ӕхсӕнадӕмон медиакъорд "Россия сегодня" Уӕрӕсейы цифрон райрӕзт, бастдзинӕдтӕ ӕмӕ массон коммуникациты Министрады ӕххуысӕй. Форуммӕ аккредитаци райстой 300-йӕ фылдӕр журналисттӕ, политиктӕ ӕмӕ эксперттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0