https://sputnik-ossetia.com/20231103/dzudzhykhuy-atsyd-plity-grisy-nomarn-izr-26525880.html
Дзæуджыхъæуы ацыд Плиты Грисы номарæн изæр
Дзæуджыхъæуы ацыд Плиты Грисы номарæн изæр
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik. Дзæуджыхъæуы ацыд номарæн изæр, кæцы нывонд уыд зындгонд поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Плиты Грисы... 03.11.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-11-03T14:19+0300
2023-11-03T14:19+0300
2023-11-03T14:19+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/729/45/7294573_0:156:3000:1844_1920x0_80_0_0_fe30322e54519f1014598dee37a9711c.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik. Дзæуджыхъæуы ацыд номарæн изæр, кæцы нывонд уыд зындгонд поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Плиты Грисы 110 азы юбилейæн, хъусын кæны Осетия-Ирыстон.Мадзал ацыд Дзæуджыхъæуы Централон библиотекæйы – поэты рухс ном ссарынмæ æрбацыдысты фысджыты цæдисы минæвæрттæ, сфæлдыстадон архайджытæ, Плиты мыггаг æмæ æхсæнады минæвæрттæ.Сценæйыл ралæууыдысты Ирон театры актертæ, уыдон равдыстой спектакльтæ "Чермен" æмæ "Ромео и Джульетта"-йы фрагменттæ. Уазджытæн сæххæст кодтой Плиты Грисы уарзон музыкалон композицитæ, мадзалы хайадисджытæ та бакастысты æмвдзæвгæтæ.Плиты Грис райгуырд 1913 азы Хуссар Ирыстоны Ручъы хъæуы. 1920 азы, гуырдзиаг меньшевикты бабырсты рæстæджы йæ бинонтæ алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. 1935 азы каст фæцис ГИТИС-ы актерон факультет. Плиты Грис хорзæхджын æрцыд орден "Знак Почета"-йæ. Грис у МХАТ-ы фыццаг ирон студийы рауагъдон, уыд Ирон драмон театры разамонæг Дзæуджыхъæуы, уый фæстæ уыд цæгатирыстойнаг газет "Рæстдзинад"-ы сæйраг редактор.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/729/45/7294573_167:0:2834:2000_1920x0_80_0_0_0376467de873666438d2674075d48b06.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, культурӕ
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Дзæуджыхъæуы ацыд Плиты Грисы номарæн изæр
ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik. Дзæуджыхъæуы ацыд номарæн изæр, кæцы нывонд уыд зындгонд поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Плиты Грисы 110 азы юбилейæн, хъусын кæны Осетия-Ирыстон.
Мадзал ацыд Дзæуджыхъæуы Централон библиотекæйы – поэты рухс ном ссарынмæ æрбацыдысты фысджыты цæдисы минæвæрттæ, сфæлдыстадон архайджытæ, Плиты мыггаг æмæ æхсæнады минæвæрттæ.
Сценæйыл ралæууыдысты Ирон театры актертæ, уыдон равдыстой спектакльтæ "Чермен" æмæ "Ромео и Джульетта"-йы фрагменттæ. Уазджытæн сæххæст кодтой Плиты Грисы уарзон музыкалон композицитæ, мадзалы хайадисджытæ та бакастысты æмвдзæвгæтæ.
Плиты Грис райгуырд 1913 азы Хуссар Ирыстоны Ручъы хъæуы. 1920 азы, гуырдзиаг меньшевикты бабырсты рæстæджы йæ бинонтæ алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. 1935 азы каст фæцис ГИТИС-ы актерон факультет. Плиты Грис хорзæхджын æрцыд орден "Знак Почета"-йæ. Грис у МХАТ-ы фыццаг ирон студийы рауагъдон, уыд Ирон драмон театры разамонæг Дзæуджыхъæуы, уый фæстæ уыд цæгатирыстойнаг газет "Рæстдзинад"-ы сæйраг редактор.