https://sputnik-ossetia.com/20231103/gataty-lali-nakhomty-khomyl-knyny-tykhkhy-26521271.html
Гататы Лали радзырдта æнахъомты хъомыл кæныны тыххæй
Гататы Лали радзырдта æнахъомты хъомыл кæныны тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады рабадтыл министр Лолаты Асланы хайадистæй, æрдзырдæуыд æнахъом сывæллæтты фарстытыл. Уый тыххæй... 03.11.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-11-03T11:20+0300
2023-11-03T11:20+0300
2023-11-03T11:29+0300
хуссар ирыстоны
хуссар иры мхм
ахуырад
ӕхсӕнад
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/09/20405827_0:377:2302:1672_1920x0_80_0_0_3c5c561c4b109a64f3d29945405193a3.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады рабадтыл министр Лолаты Асланы хайадистæй, æрдзырдæуыд æнахъом сывæллæтты фарстытыл. Уый тыххæй Sputnik радзырдта рабадты хайадисæг Æнахъомты фæдыл фæткдаруаты сæргълæууæг Гататы Лали.Куыд ма бафтыдта Гататы Лали, афтæмæй фыццаг фембæлды сывæллон нæ байгом кæны йæ зæрдæ, хъуамæ зона адæймаджы æмæ йыл æууæнда. Уый тыххæй арвиты фадыджы кусджыты, цæмæй зилой хæдзæртты кæртытыл, сывæллæттæн зонгæ кæной сæхи, куы сыл æууæндой, уæд сæхæдæг æртымбыл уыдзысты æмæ алцыдæр радзурдзысты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/09/20405827_0:161:2302:1888_1920x0_80_0_0_80332485b2223987eadce2316d618879.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, хуссар иры мхм, ахуырад, ӕхсӕнад, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, хуссар иры мхм, ахуырад, ӕхсӕнад, ног хабӕрттӕ
Гататы Лали радзырдта æнахъомты хъомыл кæныны тыххæй
11:20 03.11.2023 (Ранӕуӕггонд: 11:29 03.11.2023) ЦХИНВАЛ, 2 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады рабадтыл министр Лолаты Асланы хайадистæй, æрдзырдæуыд æнахъом сывæллæтты фарстытыл. Уый тыххæй Sputnik радзырдта рабадты хайадисæг Æнахъомты фæдыл фæткдаруаты сæргълæууæг Гататы Лали.
"Адæймаг куы райгуыры, уæд йæ мидæг вæййы куыд хорздзинад, афтæ æвзæрдзинад дæр. Фæстагмæ фæуæлахиз вæййы сæ иу. Махмæ ис бирæ спортивон секцитæ, фæлæ уым сывæллæттæн хъæуы бамбарын кæнын, спортæй уый тыххæй нæ архайæм æмæ кæйдæр фæнæмæм. Хи хъахъхъæнын – уойы, фæлæ фыццаг дæхæдæг ма хъуамæ бырсай. Уæддæр мах æрцыдыстыæм ахæм хатдзæгмæ æмæ хъæуы семæ ныхас кæнын, цæмæй сывæллон æмбара цы у хорз æмæ цы у æвзæр", - банысан кодта ныхасæмбал.
Куыд ма бафтыдта Гататы Лали, афтæмæй фыццаг фембæлды сывæллон нæ байгом кæны йæ зæрдæ, хъуамæ зона адæймаджы æмæ йыл æууæнда. Уый тыххæй арвиты фадыджы кусджыты, цæмæй зилой хæдзæртты кæртытыл, сывæллæттæн зонгæ кæной сæхи, куы сыл æууæндой, уæд сæхæдæг æртымбыл уыдзысты æмæ алцыдæр радзурдзысты.