Хуссар Иры ацыд Карабинæй æхсыны æхсæнадæмон турниры фыццаг этап

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Ирыстоны ацыдис Карабинæй æхсыны æхсæнадæмон турниры фыццаг этап
Хуссар Ирыстоны ацыдис Карабинæй æхсыны æхсæнадæмон турниры фыццаг этап - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æхсыны быдырты ацыд Карабинæй æхсыны æхсæнадæмон турниры фыццаг этап. Хайад дзы райстой дунейы алы къуымтæй 50 спортсмены. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Санкт-Петербурджы аппараты къухдариуæггæнæг æмæ ерысты организатортæй иу Павел Быстров.

"Практикон æхсыны фæлтæрæнтæ дих цæуынц æртæ хуызыл: цыбыртæ, астæуккæгтæ æмæ дæргътæ. Спортсментæ иууылдæр æххæст кæнынц 12-гай фæлтæрæны. Цыбыр фæлтæрæны ис 10 хыгъдон æхсты, астæуккаг – 20 æхсты æмæ даргъы – 40 æхсты", - банысан кодта ныхасæмбал.

Ерыстæ цæуынц микрорайон "Цæгаттаг"-ы сæрмæ æрзилæн фæндаджы территорийыл æмæ дих сты æртæ æмвæзадыл.
Æхсæнадæмон турниры исынц хайад Хуссар Ирыстон, Уæрæсе, Абхаз, Казахстан, Кыргызстан, Молдави, Швейцари, Канада, Узбекистан æмæ Таджикистанæй минæвæрттæ. Уыдонæй аст сты фæсивæд-чызджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0