Цхинвалы цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы кусджытæй иу фæцис зæххы бын

© SputnikЦхинвалы цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы кусджытæй иу фæцис зæххы бын
Цхинвалы цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы кусджытæй иу фæцис зæххы бын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik. Цхинвалы уынгтæй иуыл цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы кусджытæй иу фæцис зæххы бын.
Уæлвæткон цау æрцыд Козаты уынгыл, уæрмы арф уыд 3 метрæй фылдæр. Зæххы уæллаг хай систой экскаваторæй, дарддæр къахтой белтæй. Кусæг 10 минуты бæрц фæцис зæххы бын, цалынмæ йæ ссардтой, уæдмæ. Æмткæй æирвæзынгæнæн куыст цыдис дыууæ сахаты бæрц, уый тыххæй æмæ кусæджы къах æрбалхъывд и хæтæлы бын.
Куыд фехъусын кодтой Sputnik РБМЦ афтæмæй зианбаййафæджы уавæр у астæуккаг уæззаудзинады æмвæзадыл. Æнæмæнгхъæуг æхуысæй ифтонггонд цæуы, банысан кодтой медицинон уагдонады.
Ног хабӕртты лентӕ
0