Хуссар Ирыстоны фæцæф кодтой паддзахадон арæн фехалæджы

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстоны фæцæф кодтой паддзахадон арæн фехалæджы
Хуссар Ирыстоны фæцæф кодтой паддзахадон арæн фехалæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæцæф кодтой паддзахадон арæн халæджы, кæцы ныхмæ фæлæууыд куы йæ æрурæдтой, арæнгæрон хъахъхъæнджытæн сæ цард æмæ æнæниздзинадæн æдас чи нæу ахæм мадзæлттæй, хъусын кæны Паддзахадон Æдасдзинады комитеты пресс-службæ.
Инцидент æрцыд Ленингоры районы Æмдзæрины хъæугæрон. Арæнгæрон хъахъхъæнджытæ рабæрæг кодтой дыууæ паддзахадон арæн халæджы, кæцытæ уыдысты нозтджын.
"Бауромыны рæстæджы уыдон ныхмæ фæлæууыдысты…Халджытæ спайда кодтой фæрæтæй", - хъусын кæны уагдонад.
Информацимæ гæсгæ, фæткхалджытæй иу фæцæф æмæ æрвыст æрцыд Гуырдзыстонмæ медицинон æххуысы тыххæй, иннæйы æрцахстой.
Инциденты фæстиуæгæн республикæйы органтæ уадзынц фæдысгарæгон куыстытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0