Хуссар Ирыстон райсдзæн хайад Санкт-Петербурджы Æхсæнадон культурон форумы

© Sputnik / Александр Гальперин /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстон райсдзæн хайад Санкт-Петербурджы Æхсæнадон культурон форумы
Хуссар Ирыстон райсдзæн хайад Санкт-Петербурджы Æхсæнадон культурон форумы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон фæхуыдтой Санкт-Петербурджы IX Æхсæнадæмон культурон форумы хайад райсынмæ. Республикæйы культурæйы министр Дзæгъойты Радайы ныхæстæм гæсгæ, райста хонæн йæ уæрæсейаг коллегæ Ольга Любимовайæ.

"Ноябры æмбисы Уæрæсейы ацæудзæн глобалон культурон мадзал. Ныртæккæ у фарастæм Æхсæнадæмон фестиваль, уый фæлгæтты Уæрæсейы æмæ хæларадон паддзахадты раззагондæр культурæйы архаджытæ иумæ æрдзурдзысты нырыккон культурон фалздусы актуалон фастатыл", - загъта культурæйы министр.

Форум ацæудзæн Уæрæсейы культурон столицæйы 16 ноябрæй 18 ноябрмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0