Нарты кадджытæ. Нарты æмбырд. Хæмыцы мæлæт

Нарты кадджытæ. Нарты æмбырд. Хæмыцы мæлæт
Рафыссын
Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ къæлæтджын бадæнтыл. Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл.
- Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи сæ хæцы куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ Нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинад йедтæмæ куы ницы ирвæзти. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой.
Афтæ радзырдта Нарты æмбырдæй иу хистæр.
- Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти Нартæн, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтджынæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой; ацы рæстæджы хуызæн мæ мæрдты къоти куы нæ калдтой нозт æмæ хæрдыл; æнæгъдау фырнозтæй се ‘фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се ‘хсар куы нæ састой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0