Цхинвалы хай æмæ цалдæр хъæуы баззадысты æнæ рухсæй

© Sputnik / Илья НаймушинЦхинвалы хай æмæ цалдæр хъæуы баззадысты æнæ рухсæй
Цхинвалы хай æмæ цалдæр хъæуы баззадысты æнæ рухсæй  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 ноя – Sputnik. Цхивалы хай æмæ цалдæр хъæуы баззадысты æнæ рухсæй æртыццæджы амайæн куыстыты тыххæй, фехъусын кодтой "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон"-ы.
Цхинвалы хаймæ рухсы ифтонгад æрурæд ис æртыццæджы 10.00. Рухс нæй сæйраг горæты микрорайонтæ ЦАРЗ æмæ Шанхай, Присы хъæу æмæ æндæр районты.
"Рухс ратдзысты боны цыппар сахатыл", - фехъусын кодтой уагдонады.
Энергетикон уагдонады информацимæ гæсгæ, ныртæккæ нæуæг линийы æххæст цæуы куыстыты стыр бæрц, æмæ уый тыххæй æнæиæнгæй хъуыдис æруромын электрон рухсы ифтонгад ацы районты.
Ног хабӕртты лентӕ
0