Дзабиты Вячеслав: цæмæн æрхаудта доллары аргъ

Дзабиты Вячеслав: цæмæн æрхаудта доллары аргъ
Рафыссын
Доллар у дунейы универсалон фидæн иуæгтæй иу, рæстæгæй-рæстæгмæ йæ аргъ ивы. Цавæр аххасæгтæм гæсгæ æрцæуынц ацы ивындзинæдтæ уый тыххæй Sputnik радзырдта экономист, ХИЗИ экономикæ æмæ социалон райрæзты фадыджы сæргълæууæг, зонадон кусæг Дзабиты Вячеслав.
"Паддзахады экономикæ цас фидардæр у, уыйас йæ валютæйы аргъ дæр у бæрзонддæр", - бамбарын кодта экономист.
Ныхасæмбал банысан кодта, алы хицауадæн дæр кæй ис монетарон политикæ, уымæ гæсгæ ивынц валютæты æргътæ дæр.
Эксперты хъуыдымæ гæсгæ, цас æдыхдæр уа паддзахды экономикæ, уыйас ыл доллары æндæвдад тынгдæр ис. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны экономикæ дæр баст у долларимæ.
Бæстондæрæй республикæйы экономикон эксперты хъуыдымæ доллары тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0