Хъазахъхъаг культурæйы бон ацыд Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Антон ПодгайкоХъазахъхъаг культурæйы бон ацыд Дзæуджыхъæуы
Хъазахъхъаг культурæйы бон ацыд Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя - Sputnik. Хъазахъхъаг культурæйы бон ацыд Дзæуджыхъæуы Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы. Сценæйыл ралæууыдысты ансамблтæ "Казаки Терека" æмæ "Казачья воля", уæлдæр ахуыргæнæндоны фойейы сарæзтой фоторавдыст, хъусын кæны Осетия Ирыстон.
Мадзалы ралæууыд Цæгат Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Дзанайты Борис, уый банысан кодта Алайнаг хъазахъхъаг æхсæнадæн кæй ис ахсджиаг бынат Ирыстоны.
Мадзал бацæттæ кодтой Терчы хъазахъхъæгты культурон центр Цæгат Ирыстоны националон политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты фæдыл министрады æххуысæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0