Магнолитæ, кипаристæ æмæ къæбырттæгтæ: Дзæуджыхъæуы ног кæнынц цъæх фонд

© Sputnik / Евгений ИвановМагнолитæ, кипаристæ æмæ къæбырттæгтæ: Дзæуджыхъæуы ног кæнынц цъæх фонд
Магнолитæ, кипаристæ æмæ къæбырттæгтæ: Дзæуджыхъæуы ног кæнынц цъæх фонд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik. Хетæгкаты Къостайы номыл Централон культурæ æмæ фæлладуадзыны парчы Дзæуджыхъæуы ног кæнынц цъæх фонд, хъусын кæны горæты администрацийы пресс-службæ.
"Мах сæ абон ныссагътам, иу-дыууæ азы фæстæ рафтаудзысты æмæ рæсугъд кæныдзысты нæ диссаджы парк", - банысан кодта Централон парчы сæргълæууæг Габуты Вячеслав.
Администрацийы ма бафтыдтой, Дзæукджыхъæуы цъæх фонд ранæуæг кæныны фæлгæтты раздæр магнолийы 57 къутæры ныссагътой Сæрибардзинады фæзуаты, Сырхгвардионты хид снывæстой къæбырттæджы 26 талайæ æмæ авд кипарисæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0