Гаглойты Аланæн æрбавдыстой Беслæны трагедийы амæттæгты цыртыты эксизтæ

© Sputnik / Аслан ТедеевГаглойты Аланæн æрбавдыстой Беслæны трагедийы амæттæгты цыртыты эксизтæ
Гаглойты Аланæн æрбавдыстой Беслæны трагедийы амæттæгты цыртыты эксизтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2023
Рафыссын
Гаглойты Аланæн æрбавдыстой Беслæны трагедийы амæттæгты цыртыты эксизтæ
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Аланæн æрбавдыстой фидæны Беслæны трагедийы амæттæгты цыртдзæвæны цалдæр эскизы.
"Уый у нæ иумæйаг трагеди. Республикæйы къухдариуæггæнджытæ æмæ цæрджытæй чидæртæ æрвылаз исын хайад Беслæны фыдохы мадзæлтты. Фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн дæр хъуамæ уа бынат кæдæм æрбацæуой æмæ дидинджытæ кæм сæвæрой, æнæаххос амæттæгты ном æрымысой", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Æмткæй президентмæ æрбавдыстой æртæ эскизы. Культурæйы министр Дзæгъотйты Рада банысан кодта фидæнмæ трагедийыл кæй ацæудзæн 20-æм афæдзыбон æмæ уæдмæ арæзт хъуамæ æрцæуа. Афтæ ма президентæн æрбавдыстой Ереды трагедийы цыртдзæвæнты эскизтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0