Гом ахуырады центры Ленингоры ацæудзæн авторон маршруттæ сфæлдисыныл куыст

© Sputnik / Natalia AiriyanГом ахуырады центры Ленингоры ацæудзæн авторон маршруттæ сфæлдисыныл куыст
Гом ахуырады центры Ленингоры ацæудзæн авторон маршруттæ сфæлдисыныл куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik. Гом ахуырады центры Ленингоры райдыдта æххæстгæнæн иумæйаг ахуырадон программæ "Русский язык в сфере туризма и рекреационных услуг (мастерство социокультурной коммуникации в сфере гостеприимства)". Уый тыххæй хъусын кæны Русский дом в Цхинвале пресс-службæ.

"Хуссар Ирыстонымæ ис стыр потенциал историон-культурон æмæ этно-гастрономон туризмы райрæзтæн. Хъусджытæ æрбалæвæрдтой республикæйы фенддаг бынæтты хыгъд æмæ лыстæггай радзырдтой сæ иуы тыххæй", - баынсан кодтой хъусинаджы.

Афтæ ма пресс-службæйы бафтыдтой, дарддæр микрогруппæтæ кусдзысты авторон маршрутты арæзтадыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0