https://sputnik-ossetia.com/20231110/kfkhuyndar-22702714.html
КÆФХЪУЫНДАР
КÆФХЪУЫНДАР
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хур хъæды сæрмæ чысыл сзынди, афтæ пъæлицæйы 3-аг участочы дуармæ балæууыди иу лæг — йæ хъæбысы, галиу къухыл, иу-дыууæазыккон лæппу, йæ фарсмæ та уади, йæ... 10.11.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-11-10T13:40+0300
2023-11-10T13:40+0300
2023-11-10T13:40+0300
коцойты арсен.уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/13/22702529_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_cb7a02c98b966f53c743ebe75fdc653b.png
КÆФХЪУЫНДАР
Sputnik Хуссар Ирыстон
КÆФХЪУЫНДАР
Хур хъæды сæрмæ чысыл сзынди, афтæ пъæлицæйы 3-аг участочы дуармæ балæууыди иу лæг — йæ хъæбысы, галиу къухыл, иу-дыууæазыккон лæппу, йæ фарсмæ та уади, йæ фæдджийыл хæцгæйæ, иу-цыппаразыккон чызг. Йæ рахиз къухы стыр браунинг фæздæг калдта. Участочы дуармæ лæг сывæллоны зæхмæ æриста, къулы рæбын æй æрбадын кодта æмæ йын йæ къухы конфеттæ ратта.— Æрбад Сосланы фарсмæ! — загъта лæг чызгæн æмæ йæм францусаг гуыл ратта. — Æрбад æмæ йæм фæкæс, куы агура кæрдзын, уæд ын-иу авæр!..Сывæллон йæ хойы къухты куыддæр гуыл ауыдта, афтæ йæм фæлæбурдта. Уæд сын лæг гуыл адих кодта, æмæ дыууæ дæр зыдхæрд кæнын райдыдтой. Бæрæг уыди, уыдон бирæ стонг кæй баййæфтой.— Ахæрут, ахæрут баппа, — сдзырдта сæм лæг æмæ участочы дуарыл бахæцыди. Дуар æхгæд разынди. — Цымæ цæмæн уа æхгæд? — фæдис кодта лæг. Раздæхти фæстæмæ æмæ, дзæгъæлгастгæнгæйæ, сывæллæтты раз æрлæууыди. Нырма ныр æрхъуыды кодта, йæ къухы дамбаца кæй уыди, æмæ йæ хуымпъыры нытътъыста.Уый уыди бæрзонд, хæрзконд æмæ уæнгджын лæг — иу-30-азыккон. Арæзт уыд кавказаг хæххон дзауматы — урс куырæт æмæ морæ цухъа биноныг æлвæст уыдысты сауарæзт ронæй. Роныл ауыгъд уыдысты сауарæзт хъама æмæ дамбаца сау хуымпъыры. Сау ныллæг худ чысыл къæбуты ’рдæм бырынгондæй уыди йæ сæрыл. Бæрæг уыди, уыцы лæг дзаумайы аивдзинад кæй æмбары.Лæгæн йæ цæсгом уыди цикъæйы хуызæн фæлурс.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/13/22702529_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_57254f4a0c207175571ad0c229652cf4.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Хур хъæды сæрмæ чысыл сзынди, афтæ пъæлицæйы 3-аг участочы дуармæ балæууыди иу лæг — йæ хъæбысы, галиу къухыл, иу-дыууæазыккон лæппу, йæ фарсмæ та уади, йæ фæдджийыл хæцгæйæ, иу-цыппаразыккон чызг. Йæ рахиз къухы стыр браунинг фæздæг калдта. Участочы дуармæ лæг сывæллоны зæхмæ æриста, къулы рæбын æй æрбадын кодта æмæ йын йæ къухы конфеттæ ратта.
— Æрбад Сосланы фарсмæ! — загъта лæг чызгæн æмæ йæм францусаг гуыл ратта. — Æрбад æмæ йæм фæкæс, куы агура кæрдзын, уæд ын-иу авæр!..
Сывæллон йæ хойы къухты куыддæр гуыл ауыдта, афтæ йæм фæлæбурдта. Уæд сын лæг гуыл адих кодта, æмæ дыууæ дæр зыдхæрд кæнын райдыдтой. Бæрæг уыди, уыдон бирæ стонг кæй баййæфтой.
— Ахæрут, ахæрут баппа, — сдзырдта сæм лæг æмæ участочы дуарыл бахæцыди. Дуар æхгæд разынди. — Цымæ цæмæн уа æхгæд? — фæдис кодта лæг. Раздæхти фæстæмæ æмæ, дзæгъæлгастгæнгæйæ, сывæллæтты раз æрлæууыди. Нырма ныр æрхъуыды кодта, йæ къухы дамбаца кæй уыди, æмæ йæ хуымпъыры нытътъыста.
Уый уыди бæрзонд, хæрзконд æмæ уæнгджын лæг — иу-30-азыккон. Арæзт уыд кавказаг хæххон дзауматы — урс куырæт æмæ морæ цухъа биноныг æлвæст уыдысты сауарæзт ронæй. Роныл ауыгъд уыдысты сауарæзт хъама æмæ дамбаца сау хуымпъыры. Сау ныллæг худ чысыл къæбуты ’рдæм бырынгондæй уыди йæ сæрыл. Бæрæг уыди, уыцы лæг дзаумайы аивдзинад кæй æмбары.
Лæгæн йæ цæсгом уыди цикъæйы хуызæн фæлурс.