Хуссарирыстойнаг уæззау атлетикæйы спортсментæ райсдзысты хайад Уæрæсейы фыццагады

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæХуссарирыстойнаг уæззау атлетикæйы спортсментæ райсдзысты хайад Уæрæсейы фыццагады
Хуссарирыстойнаг уæззау атлетикæйы спортсментæ райсдзысты хайад Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik. Уæззау атлетикæйы спортсментæ Хуссар Ирыстонæй райсдзысты хайад Уæрæсейы фыццагады лæппу æмæ чызгюниорты ᾿хсæн Адыгеяйы, хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты пресс-службæ.
Ерыстæ цæудзысты лæппутæ æмæ чызджыты ᾿хсæн 15-18 æмæ 19-20 азы кары категориты Майкопы фыццаг хатт æмæ æртымбыл кæндзысты Уæрæсейы регионты тыхджындæр спорсменты.
"Хуссар Ирыстонæй рахиздзысты Кæсæбиты Александры хъомылгæнинæгтæ: Багаты Александр 15-18 азты категорийы æмæ 81 кг уæзы категорийы, Кæсæбиты Александр 89 килограмы уæзы категори, 19-20 азы кары категорийы. Афтæ ма юниорты ᾿хсæн 19-20 азы категорийы ралæудзæн Джиоты Александр 102 кг уæзы категорийы, кæцы тренировкæ кæны Наниты Алан æмæ Плиты Артуры къухдариуæгады бын", - банысан кодтой комитеты.
Турнир райдыдта 10 ноябры æмæ цæудзæн 20 ноябрмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0