Нарты кадджытæ. Батрадз йæ фыды туг куыд райста. Батрадзы мæлæт

Нарты кадджытæ. Батрадз йæ фыды туг куыд райста. Батрадзы мæлæт
Рафыссын
Æхсæртæггатæ Хæмыцы мард бавæрдтой. Батрадз уым нæ уыд – кæдæмдæр та дард балцы фæцыди.
Æхсæртæггатæ бауынаффæ кодтой, цæмæй фехъусын кæной Батрадзæн, дæ фыды дын чидæр амардта, зæгъгæ, фæлæ нæ зыдтой, кæм ис Батрадз, уый. Уæд бавдæлдысты, æмæ Изæры Ирдгæйы Райсомы Ирдгæмæ арвыстой æмæ йын бафæдзæхстой: "Арвæй, зæххæй – тагъд æрзил, ссар Хæмыцы фырт Батрадзы æмæ йын зæгъ: дæ фыды дын чидæр амардта. Кæд бадгæ кæна, тагъд сыстæд, кæд лæугæ кæна, мауал сбадæд".
Изæры Ирдгæ Æхсæртæггаты ныстуан Райсомы Ирдгæмæ фæхæццæ кодта. Райсомы Ирдгæ æрзылди арвыл, зæххыл, фембæлди Батрадзыл æмæ йын, Нарты æгъдаумæ гæсгæ, тæфæрфæстæ ракодта, стæй йын загъта:
- Нарты гуыппырсартæ мæ сæудары хъæргæнæг рарвыстой дæумæ: де ‘ндонрихи фыд Хæмыц кæйдæр къухæй мæрдтæм бацыд.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0