Цхинвалы ацыд Милицийы боны номыл цытджын рабадт

© Мария СанакоеваЦхинвалы ацыд милицийы боны цытæн цытджын рабадт
Цхинвалы ацыд милицийы боны цытæн цытджын рабадт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацыд Милицӕйы бонӕн нывгонд цытджын рабадт. Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-мӕ ӕрӕмбырд сты республикӕйы разамынад президент Гаглойы Аланы сӕргълӕудӕй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, æххæстгæнæг органты минӕвӕрттӕ, мидхъуыддӕгты министрады архайгӕ кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕ.
Цытджын мадзалы фыццаг ныхасы рацыд уагдонады сæргълæууæг Гуыцмæзты Алан. Уый банысан кодта, МХМ-йы ветеранты архайд республикæйы фæтк бахъахъхъæныны хъуыддаджы.

"Мæ ныстуан у ветерантæм, кæцытæ уæззау рæстæджыты хъахъхъæдтой сабырад республикæйы, абон та сты уагдоны æвзонг кусджытæн дæнцæг",- загъта министр.

Бæрæгбоны цытæн æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан.
"Барадхъахъхъæнæг органты сæвзæрдæй фæстæмæ системæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ивта, фæлæ иу хъуыддаг у æнæивгæ - сымах алкæддæр хъахъхъæдтат паддзахады интерестæ æмæ æхсæнадон фæтк", - загъта президент.
Цытджын церемонийы рӕстӕджы уагдоны кусджыты иу къорд хицӕн ӕрцыдысты сӕ хорз куысты тыххӕй паддзахадон ӕмӕ уагдонады хорзӕхтӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0