Гæдиаты Секъа. Арагуийы æлдар Нугзар

Бафыссын
НовостиTelegram
Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæнын агъоммæ, Арагуийы доны былыл, сау хохы кæдзæх сынæджы раз, Косетмæ хæстæг, ныр дæр ма сæ систæ æнæхæлд сты, лæууыди мæсыг æмæ галуан. Ацы мæсыджы царди Арагуийы Ерыстау æлдар Нугзар.
Уыцы рæстæгмæ гæсгæ, æлдар Арагуийы гуырдзиаг адæм – Хады комæй хъалон иста, фæлæ Хъуды ком, Тырсыгом æмæ Хиуы ком сæрибар адæм уыдысты, æлдарæн хъалон нæ фыстой, бегара нæ кодтой. Æлдар чысылгай-чысылгай Хъуды комы адæмы йæхимæ æрбахæстæг кодта. Фæсивæды хуыздæртæй, мыггæгты тыхджынтæй Хады комæн моураутæ, хъалонисджытæ скодта, хицоны цæстæй сæм акасти, Хады комы гуырдзиаг адæмæн сæ хицæуттæй æрæвæрдта. Хъуды комы адæм дæр ыл баууæндыдысты.
Гæдиаты Секъайы уацмыстæм гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0