Хуссар Иры хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон турниры Хъæрæсе-Черкесийы

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон турниры Хъæрæсе-Черкесийы
Хуссар Иры хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон турниры Хъæрæсе-Черкесийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй Хъæрæсе-Черкесийы столицæйы, фехъусын кодта Цхинвалы администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты фæдыл дæлхайады хистæр Тасойты Игорь.
Уый банысан кодта, Черкесскæй хъæбысæйхæцджытæ раздæр хайад кæй райстой турниры, кæцы сорганизаци кодта Цхинвалы мэрия.
"Æхсæнадæмон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй ацæудзысты Хъæрæсе-Черкесы столицæйы 15-16 ноябры. Уый размæ хæларадон горæты спортсментæ хайад райстой нæ ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй", - загъта Тасойты Игорь.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг командæйы скондмæ бахызтысты дыууæ тренеры æмæ 13 спортсмены.
Ног хабӕртты лентӕ
0